«Ирон дӕн ӕз»
Хъомылгӕнӕг! Куыд ахсджиаг у дӕ ном! Уӕлдай кадджын та у ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕджы ном. Куы бафӕрсат цӕмӕн, уӕд уый тауы ирондзинад сывӕллӕтты ӕхсӕн.
26 апрелы Рахизфарсы районы управленийы унаффӕмӕ гӕсгӕ 8-ӕм рӕвдауӕндоны арӕзт ӕрцыд мадзал «Хуыздӕр ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕг рӕвдауӕндоны». Ерысты архайдтой авд хъомылгӕнӕджы.
Уыдон уыдысты: Хумарты Илонӕ (1-ам рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Касаты Валентинӕ (2-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Зӕнджиаты Альбинӕ (3-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Пухаты Оксанӕ (10-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Дзиуаты Жаннӕ (14 -ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Хабаты Индирӕ (14-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Цаллагты Луизӕ (Заманхъулы рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг).
Конкурсы архайджытæн аргь кодтой жюрийы уæнгтæ.Уыдон уыдысты ӕппӕт адӕмон ӕхсӕнады «Стыр ныхас»-ы уӕнгтæ æмæ
районы ахуырады куысджытæ
Ӕркаст байгом кодта 8-ӕм рӕвдауондоны ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕг Бадзиаты Аллӕ. Уый йӕ ныхас райдыдта нӕ мадӕлон ӕвзаг бахъахъӕныныл,йӕ дарддӕры рӕзтыл куысыныл. Адӕймаг бӕласау хъуамӕ фидар хӕца йӕ уидӕгтыл, йӕ райгуырӕн зӕххыл, йӕ фыдӕлты ӕгьдӕуттыл, йӕ адӕмон сфӕлдыстадыл, йӕ ӕнӕмӕлга ирон, мадӕлон ӕвзагыл. Рӕвдауондоны хъомылгӕнӕг та йӕ хӕсыл нымайы, цӕмӕй уыцы удвӕрнон хазнатӕ дарддӕр тауа нӕ рӕзгӕ фӕлтӕры зӕрдӕты ӕмӕ сӕ уыдон дӕр кӕронмӕ хӕццӕ кӕной.
. Мадзал арӕзт ӕрцыд бӕрӕгбон хуызы. Фӕзынд постхӕссӕг Бицко (Дзагойты Иринӕ), арбахаста Аллайӕн йӕ пенсий, фӕлӕ куы бамбӕрста конкурсы хабар, уӕд уый дӕр сфӕнд кодта йӕхицӕн къаййаг равзарын чызджыты хсӕн.
Конкурс арæзт æрцыд æхсæз этапæй:
1.Нывӕцӕн- «Цӕмӕн хонын мӕхи ирон». Уыдон радзырдтой, цӕмӕн равзӕрстой ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕджы профессий, цӕмӕн хонынц сӕхи ирон. Архайджытӕй алчи дӕр бафиппайдта, адӕймаг ӕдзухдӕр хъуамӕ хъуыды кӕна, ирон кӕй у, уый, дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уарза йӕ райгуырӕн зӕхх, йӕ фыдӕлты ӕгьдӕуттӕ. Уыдон радзырдтой, куыд кусынц сывӕллӕттимӕ, цавӕр методикон хуызтӕй пайда кӕнынц, куыд уарзын кӕнынц ирон ӕвзаг.
2. Ирон бӕрӕгбӕттæ.
3. Чындзӕхсӕвы ӕгьдӕуттӕ.
4.Рагон кусӕнгӕрзтӕ.
5. Ирон хӕринæгтæ.
6.Ирон айвад..
Фӕлӕ бӕрӕгбон ууыл нӕ фӕци! 8-ӕм рӕвдауондоны кусджытӕ бацӕттӕ кодтой чындзӕхсӕвы ӕгьдӕуттӕй иу. Райхъуыст ирон чындзӕхсӕвы цагьд. Къухылхӕцӕг ӕмӕ кӕнгӕ мад уазджытӕм ракодтой чындзы Амонӕг Амонæг бамбарын кодта уазджытӕн, ныр та кӕй бакӕсдзысты мыдыкъус уарыны ӕгьдаумӕ. Чындзы бакодтой куыд ӕмбӕлы афтӕ хистӕртӕм. Хъомылгӕнинаг Баситы Астан «Фарн, фарн, фарн, фараст лӕппуйы ӕмӕ иу цъӕх цӕст чызг»-ы ныхӕстӕ дзургӕйӕ, систа чындзӕн йӕ хыз. Хистӕртӕ зӕрдиагӕй ракуывтой, загьтой рӕсуыгьд ныхӕстӕ чындзӕн. Уый сӕ алкӕмӕн дӕр авӕрдта мыд, балӕвар сын кодта куатӕтӕ.
Конкурс куы ахицӕн, уӕд жюрийы уӕнгтӕ иумæйагæй загьтой, архайджытæ сæхи кæй бацæттæ кодтой тынг хорз, уый ма бæрæг уыдис хуынд адæмы къуыхæмдзæгьдæй. Фæлæ ерысты вæййы уæлахиздзаутæ æмæ архайджытӕн сӕ хӕслӕвӕрдтӕн цы бӕрӕггӕнӕнтӕ сывӕрдтой уыдон банымадтой ӕмӕ скодтой хатдзӕгтӕ.
Ӕртыккаг бынат байуӕрстой Пухаты Оксанӕ (10-ӕм рвдауондоны хъомылгӕнӕг) ӕмӕ Касаты Валентинӕ (2-ӕм рӕвдауондоны хъомылгӕнӕг).
Дыккаг бынат бацахста Хумарты Илонӕ (1-ӕм рӕвдауондоны хъомылгӕнӕг)
Фыццаг бынат жюрийы уӕнгтӕ саккаг кодтой Зӕнджиаты Альбинӕйӕн. (3-ӕм рӕвдауондоны хъомылгӕнӕг)
Мадзалы кӕрон рӕвдауондоны сӕргьлӕууӕг Гаккаты Иринӕйы номӕй архайджытӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕрдылдарӕн лӕвӕрдтӕ ӕмӕ уазджытӕ хуынд ӕрцыдысты дзаджджын фынгтӕм.